Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан мæсæллæйы тел рарвыста Президент Бибылты Анатолимæ Ереды трагедийы амæттæгты ном арынæн.

Мæсæллæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли,

Абон у 31 азы размæ æрцæугæ Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕн бон.

Гуырдзыйы хотыхджын ӕфсӕддонтӕ кӕй фыдмитӕ кодтой ӕмӕ удæгасӕй кæй баныгӕдтой ацы адæмы, уыцы маст, уыцы рыст лӕууы нӕ зӕрдӕты. Нӕ Ирон амӕттӕгты мысӕм ӕмӕ сын рухс зӕгъӕм.

Хуыцау амӕй фӕстӕмæ ахӕм фыдбылызтӕй бахизӕд Ирон адӕмы».