Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ!

Зӕрдӕбын арфӕ уын кӕнын Уастырджыйы стыр бӕрӕгбоны цытӕн.

Уастырджы у ирон адæмы сæрылхæцæг, фыдбылызсафӕг, æххуысгæнæг æмæ хъахъхъæнæг. Царды фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, ахуыры къахыл чи лæууы, йæ хæстон хæс чи æххæст кæны, йæ адæмæн æмæ йæ бинонтæн фæллойадон куыстæй чи лæггад кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр Стыр Уастырджы арфæгæнæг уæд ӕмӕ сын сӕ цардвӕндаджы ӕххуысгӕнӕг уӕд.

Къуырийы дæргъы алы ирон хæдзары дæр кувдзысты Ирыстоны адæмы рæсугъд фидæны тыххæй. Стыр Хуыцау æмæ Уастырджымæ нæ куывдтæ куыд фехъуысой, Ирыстоны алы хæдзарæн фæрныгад æмæ амонд куыд балæвар кæной, ахæм арфæ нæ уæд.

Нӕ хӕстонтӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийӕ сӕрыгас ӕмӕ уӕлахизимӕ куыд ӕрыздӕхой, нæ адæм кæрæдзи хуыздæр куыд æмбарой, нæ фидæн нæ абонæй хуыздæр куыд уа, уыцы арфæ нын ракӕнӕд Уастырджы.

Мæ зынаргъ адæм, мæ зæрдæ уын зæгъы фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон ӕмӕ цардамонд!

Уастырджыйы хорзæх уæ уæд!