Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Гаглойты Эдуарды фырт Алан!

Дæ бон хорз уæд, æмæ дыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд.

Ног аз æрхæццæ æмæ йын йæ хорзæхтæй хайджын у. Дæ бæллицтæ сæххæст уæд. Хуыцау нын нæ Ирыстонæн сабырдзинад æмæ бæркадджын цард с ‘аккаг кæнæд.

Ног азы хорзæхтæй хайджын у!»