Арфæ кæнын газет «Хурзæрин»-ы æмкусджытæ æмæ ветерантæн нысаниуæгджын 100 азон юбилейы цытæн!

Сымахæн æппæт бындуртæ дæр ис, цæмæй сæрыстыр уат нæ фыдыбæстæйы рагондæр газеттæй иуы кадджын историйæ, «Хурзæрин»-имæ чи æмгуыст кодта æндæр æмæ æндæр дугты, уыцы зынгæ фысджытæ æмæ поэты нæмттæй, газет кæддæриддæр нæ бæстæйы æхсæнадон æмæ литературон царды тæккæ астæу кæй уыдис æмæ уæ коллегæтæ æмæ газеткæсджыты хъусдардæй цух кæй никуы уыдис, уымæй.

Редакци æрæмбырд кодта курдиатджын профессионалты командæ. Уарзон хъуыддагмæ сфæлдыстадон цæстæй кæй кæсут, уый тыххæй журналистикæйы хуыздæр традициты райрæзты уæ хайбавæрдæн саргъгæнæн нæй, ноджы ма – ирон æвзаг бахъахъхъæнын, размæ ракæнын æмæ парахат кæныны хъуыддæгты дæр.

Гуырдзыстоны хæстон агрессийы дуджы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады райрæзты ахсджиаг фадгуыты газет «Хурзæрин»-æн егъау нысаниуæг уыди адæммæ рæстаг информации хæццæ кæныны хъуыддаджы. Нæ историйы уæззаудæр дугты газет иу бон дæр не ‘рурæдта йæ кусыт, æмæ уый у йæ иузæрдион коллективы лæггад.

Абон мах цæрæм вазыгджын информацион технологиты дуджы, æмæ фылдæрæй-фылдæр бынат ахсы Интернет. Уымæ æнкæсгæйæ, газет йæ бынат нæ фесæфта дзыллон инофрмацион фæрæзты бирæхуызон арвистоны, уæддæр бахъахъхъæдта газеткæсæджы уарзт, æууæнк æмæ йæ аудитори.

Бузныг уын зæгъын уæ куысты тыххæй, уæ хъуыддагмæ бæрнон ахасты тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, удцырын, æмæ, цы фæндтæ æмæ бæллицтæ нывæндут, уыдон фæрнæй сæххæст уæнт!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!