Хъусаты Садреттин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн
6 февраля 2025 годаТурчы цæрæг Ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъусаты Садреттин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Арфæ дын кæнын мæхи номæй æмæ не `хсæнад «Алан»-ы номæй дæ гурæн боны цытæн.
Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ паддзахадон архайды æнтыстытæ. Ирон адæмæн æмæ Хуссар Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай, уыцы амонд дæ уæд. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ зæрдæрухсæй бирæ цæр.
Мах кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уемæ.
Кæрæдзийæн ныфс куыд уæм, уыцы амонд уæд не `ппæты дæр».