Битарты Вячеслав раарфæ кодта Гаглойты Аланæн йæ райгурæн боны цытæн
6 февраля 2025 годаЦæгат Ирыстоны раздæры сæргълæууæг, меценат, æхсæнадон архайæг Битарты Вячеслав раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн йæ райгурæн боны цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Зæрдиагæй дын арфæ кæнын дæ райгуырæн боны фæдыл!
Ды æнтыстджынæй архайыс Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад фæфидардæр кæныныл, республикæйы социалон-экономикон рæзтыл, йæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, Уæрæсеимæ хæлар ахастдзинæдтæ æнгомдæр кæныныл æмæ ма дын бирæ бантысæд!
Мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад æмæ амонд! Дæ размæ цы ахсджиаг нысантæ æвæрыс, уыдон дæ къухы бафтæнт!»