Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон у ирон æвзаджы бон. Махæй алчидæр хорз æмбары, куыд стыр хæзна у ирон æвзаг. Нæ кадджын фыдæлтæ нын æй æнусты арфæй, цæстыгагуыйау хъахъхъæнгæ, æрхастой рæсугъд. Æнæ ирон æвзаг нæй ирондзинад, ирон æгъдау, ирон фарн.

Хъæздыг æмæ рæсугъд у нæ мадæлон æвзаг. Æхцон æмæ æввахс у махæй алкæй зæрдæмæ дæр йæ зæлынад. Фидар æмæ æнæаскъуыйгæ тæгтæй баст у алы ирон адæймаджы удварн æмæ миддунеимæ, сæйраджы та – нæ историимæ.

Ацы бæрæгбон æрбангом кæны æппæт Ирыстоны адæмы, цытимæ йыл æмбæлынц нæ Райгуырæн бæстæйы алы къуымы дæр. Махæй алкæмæн дæр уæлдай хатт йæ зæрдыл æрлæууын кæны стыр бæрндзинад нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны хъуыддаджы. Фæзæгъынц, зæгъгæ, не стыр хæзна, нæ ирон æвзаг фæстаг азты йæ рæзты фæндагыл æмбæлы дзæвгар ныхдуртыл, цуды æмæ сафы йæ нысаниуæг. Фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Хуымæтæджы, мыййаг, нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, наци цæры уæдмæ, цалынмæ цæра мадæлон æвзаг. Наци та цæуы размæ, дарддæр кæны йæ паддзахады арæзтады бæрнон хæс æмæ бындур æвæры йæ кæстæр фæлтæрты рухс фидæнæн. Цæрдхъом æмæ удварнæй тыхджын наци та, кæцы дыууын азы дæргъы уæззау уавæрты нæ бауагъта цудын йæ национ намыс æмæ сæрыстырдзинад, абон йæ сæрмæ нæ бахæсдзæн, йæ сæйраг хæзна, йæ удварны иууыл ирддæр фæрæз фæцуда, уый. Алы ирон бинонтæ дæр, æвæццæгæн, сæхи нымайынц ахæм æнæфæцудгæ цæджындзыл, кæцытыл абон æнцой кæны нæ мадæлон æвзаг.

Фæстаг азты, ирон æвзаг рæзын кæныны сæраппонд, Хуссар Ирыстоны ист æрцыдысты Закъæттæ паддзахадон æвзæгты тыххæй, ирон мыггæгты тыххæй, географион нæмтты тыххæй, ирон æвзаджы райрæзты паддзахадон программæ æмæ æндæртæ. Дызæрдыггаг нæу, мах дарддæр дæр кæй архайдзыстæм ирон æвзаг сфидар кæныныл. Мыхуыры уадздзыстæм фылдæр чингуытæ ирон æвзагыл, араздзыстæм фылдæр радио- æмæ телеалæвæрдтæ, æввахс рæстæджы сæндидзын кæндзыстæм нæ паддзахадон театры бæстыхай дæр. Иудзырдæй, ирон æвзаг махмæ хъуамæ суа паддзахадон æвзаг канд гæххæттыл нæ, фæлæ царды алы къабазы дæр.

Уæлахиз уæд ирон æвзаг, зынаргъ æмбæстæгтæ, уæлахиз уæд Ирыстон, чи йæ уарзы æмæ йын чи лæггад кæны, уыдонимæ иумæ!