Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълӕууӕг Хъуысаты Садреттин рбарвыста Президент Бибылты Анатолимæ фыдохы тел 2008 азы 8 августы трагикон цауты фӕдыл.

Телы дзырдӕуы:

«Зынаргъ Анатоли,

Ацы азы августы мӕйы 13 аз сыххӕст уыдзӕн фашист Гуырдзыйы ныхмӕ хӕстыл.

Ӕрвылаз августы мӕйы ӕрбалӕудимӕ, ӕрхӕндӕг свӕййы Хуссар Ирыстон, ирон адӕм.

Хуссар Ирыстоны адӕмы зӕрдӕтыл куыд ӕрлӕууы августы сау бонтӕ, знаджы сырды митӕ мах дӕр ӕрымысӕм фашист Гуырдзыйы сырды лӕбурд Хуссар Ирыстонмӕ.

Цасфӕнды рӕстӕг куы рацӕуа, уӕддӕр уыцы бонты, уыцы трагикон цаутӕ рох никуы кӕндзыстӕм, нӕ хъайтартӕ никуы рох кӕндзыстӕм.

Мысӕм Хуссар Ирыстоны сӕрибардзинады тыххӕй знагимӕ тохы хъӕбатырӕй чи фӕмард уыдоны.

Зынаргъ Анатоли,

Хӕдбар Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани дунейы ӕппӕт паддзӕхты ӕхсӕн йӕ аккаг бынат куы ахса ӕмӕ нӕ ирон тырыса ӕнусты дӕргъы сӕрибарӕй куы фӕйлауа уыцы хорзӕх нын Стыр Хуыцау балӕвар кӕнӕд.

Хуыцау нын мауал фенынкӕнӕд рыстбонтӕ. Нӕ зынаргъ Ирыстоны сабырдзинад уӕд».