Турчы цæрæг ирон адæмы культурон-хæрзаудæнгæнæн æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин тæфæрфæсы тел æрбарвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номыл гениалон ирон поэт, фыссæг, тæлмацгæнæг, литературæзонæг æмæ стыр ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, профессор, академик Джусойты Нафийы мæлæты тыххæй.

Телы дзырдæуы: «Турчы цæрæг ирон адæмы номæй æхсæнад «Алан» хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны сæргьлæууæг Бибилты Анатолийæн æмæ æппæт ирон адæмæн, нæ зынаргъ хистæр Джусойты Нафийы зианы фæдыл. Зиан рухсаг уæд. Йæ бинонтæн, йæ уарзон адæмæн Хуыцау фидар зондахасдзинад раттæд».