Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн
6 февраля 2025 годаРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Цытджын Президент!
Зæрдиаг арфæ дын кæнын дæ гуырæн боны фæдыл. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ иумæ æнæниз, бæркадджын æмæ амондджын цард фæкæн.
Цытджын Алан, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, бирæ азты цæрæмбон æмæ æнæкæрон æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны райрæзтæн».