Турчы цæрæг ирон адæмы номæй Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садредтин зæрдæбын арфæтæ æрбарвыста Президент Тыбылты Леониды номыл Гасситы Мураты уæлахиздзинады сæраппонд.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Зынаргъ Леонид!

Нæ зынаргъ Хуссар Ирыстон та нын балæвар кодта сыгъзæрин æфсымæр. Мах Турчы цæрæг ирæттæ, стыр цин кæнæм, Гасситы Мураты уæлахиздзинадæй сæрыстыр стæм.

Зæрдиаг арфæ уын кæнæм. Йæ фæндтæ йæ къухы бафтæд.

Хуыцауы фæдзæхст уæд!»