Турчы цæрæг Ирæтты æхсæнад АЛАН’ы сæргълæууæг Хъусаты Садреттин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли,

Арфæ дын кæнын мæхи номæй æмæ не’хснад АЛАН’ы номæй дæ гуырæн боны цытæн,

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ паддзахадон архайды æнтыстытæ. Ирон адæмæн æмæ Хуссар Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай уыцы амонд дын уæд. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ зæрдæрухсæй бирæ цæр.

Мах кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уе’мæ.

Кæрæдзийæн ныфсæнцæйттæ куыд уæм уыцы амонд уæд не’ппхты дæр».