Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы Хъаныхъуаты Ремзи раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн йæ цытджын юбилейы тыххæй.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Уæздан Анатоли Ильяйы фырт!

Бар мын радт æмæ дын Турчы цæрæг ирæтты номæй зæрдæбынæй раарфæ кæнон дæ цытджын юбилейы тыххæй.

Ды дæ цард снывонд кодтай Хуссар Ирыстонæн, йæ сабырдзинад, райрæзт æмæ размæцыды тыххæй у дæ куыст æмæ дæ архайд.

Ирыстонæн номдзыд хъæбул дæ æмæ дын бирæ бантысæт саразын йæ номыл æмæ йæ кадæн. Дæ æнтыстджын æмæ удуæлдай архайды Ирыстоны сæраппонд дын бæрзонд аргъ кæнынц канд Ирыстоны нæ фæлæ æгасдунейыл цæрæг ирон адæм.

Уæздан Анатоли Ильяйы фырт, мæ зæрдае дын зæгъы æнæниздзинад, амондджын цард дæ бинонтимæ, бирæ рæсугъд æнтыстытæ дæ вазыгджын куысты».