Алан Гаглоев посетил концерт ансамбля «Ставрополье»
Алан Гаглоев поздравил Владимира Путина с Днем России
Все новости
Алан Гаглоев посетил концерт ансамбля «Ставрополье»
Алан Гаглоев поздравил Сергея Новикова с Днем России
Алан Гаглоев поздравил Александра Харичева с Днем России
Алан Гаглоев поздравил Вадима Титова с Днем России
Алан Гаглоев поздравил Андрея Ярина с Днем России
Алан Гаглоев поздравил Марата Кулахметова с Днем России
Алан Гаглоев поздравил Рашида Нургалиева с Днем России
Алан Гаглоев поздравил Сергея Шойгу с Днем России


Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Арфæ уын кæнын стыр, æппæтадæмон бæрæгбон, Уастырджимæ кувæн бонты фæдыл!
Сыгъдæг æууæнк æмæ рагон æгъдæуттæй йемыдзаг уаз бæрæгбон иу кæны ирон адæмы алы фæлтæрты дæр, у национ иудзинад æмæ рæстæджыты æнæаскъуынгæ бастдзинады символ.
Ацы бæрæгбоны адæм кувынц уæларвон тыхтæм сабырад æмæ, куыд алы хæдзары бинонтæн, афтæ æппæт нæ Фыдыбæстæйы фæрныгады тыххæй.
Сыгъдæг Уастырджийæн сæхи фæдзæхстой стыр цинæвзарæнты, бинонты æмæ æхсæнадон фыдæвзарæнты. Уастырджийæ æххуыс куырдтой хæстон дугты, нæ адæмы хæрам тыхтæй, знæгтæй, æппæт зынтæ æмæ фыдбылызтæй кæй бахиздзæн, ууыл фидарæй æууæндгæйæ.
Æнæхъæн къуырийы дæргъы алы ирон хæдзары дæр кувдзысты фыдыбæстæйы фæрныгадæн, Ирыстоны адæмы рæсугъд фидæны тыххæй. Уадз фехъуысæд уыцы куывдтытæ Стыр Хуыцау æмæ Уастырджимæ, нæ Фыдыбæстæ нын бахизæд æппæт æнамонддзинæдтæ æмæ фыдбылызтæй, Ирыстоны алы хæдзарæн дæр балæвар кæнæд фæрныгад æмæ амонд!
Æнæниздзинад, æхсызгондзинад æмæ царды хæрзтæй хайджын ут, зынаргъ æмбæстæгтæ, Ирыстоны адæм, сабырдзинад, фæрныгад æмæ размæцыд уæд нæ Фыдыбæстæйы!
Джиуæргуыбайы хорзæх уæ уæд, нæ Иры адæм!
Хуыцау æмæ Устырджийæ арфæгонд уæд нæ Райгуырæн бæстæ!
Дунескæнæг Иунæг Кадджын Хуыцау æмæ нын Сыгъзæрин Уастырджи ахъазгæнæг уæд кæддæриддæр!



