Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар Ходы Камалæн йæ 75-азон юбилейы цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Камал!

Республикæ Хуссар Ирыстоны дзыллæйад æмæ дын бæстæйы къухдариуæгады номæй зæрдæбын арфæ кæнын дæ юбилейы цытæн. Хъыгагæн, бæрæг æрдзон аххоссæгты фæстиуæгæн, мæн нæ фæцис дæуæн лæгæй-лæгмæ раарфæ кæныны фадат, фæлæ дын мæ зæрдæ зæгъы бирæ цæрæнбонтæ æмæ фидар æнæниздзинад, дæ раттæг Ирыстон æмæ ирон адæмæн ноджы сæдæ азы куыд фæлæггад кæнай.

Дæ бирæнымæц литературон æмæ публицистон уацтæй, стæй уæд дæ æнувыд лæггадæй бæрнон бынæтты кусгæйæ ды скодтай дæ номæн егъау мæсыг. Гуырысхойаг нæу, дæ ном ирон къласикты номхыгъды аккаг бынат кæй ахсы. Ахæм кады аргъ æмæ сгуыхтдзинады аккаг сæ царды бонты стæм ирон фысджытæ систы.

Ирон адæмы патриот уæвгæйæ, ды бирæ архайыс дыууæ Ирыстон баиу кæныны сæраппонд. Уымæн бæлвырд æвдисæн у Ирыстоны фысджыты Цæдистæ баиу кæныны хъуыддаджы де стыр хайбавæрд.

Мæ зынаргъ Камал! Дæ 75 азы юбилеон боны дын хæлар кæнын хуыздæр фæндиæгтæ.

Стыр Хуыцау æмæ дыл сыгъзæрин тæхгæ-нæргæ Уастырджи сæ хорзæхтæ байтауæнт!»