Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта зындгонд адæмон фыссæг, æхсæнадон архайæг, профессор Джусойты Нафийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Нафи!

Зæрдæбынæй дын арфæйы ныхæстæ зæгъын дæ райгуырæн боны цытæн!

Ирон литературæйы патриарх æмæ курдиатджын ахуыргонд уæвгæйæ, ды хион сдæ, йæхи де ‘мдугон чи хоны, уыцы ирæттæй алкæцыйæн дæр.

Бирæ азты дæргъы ды æнувыдæй лæггад кæныс ирон адæмæн æмæ уарзон хъуыддагæн – мадæлон æвзаджы сæрмагонд миниуджытæ æмæ хиæдтæ ахуыр кæнынæн. Нæртон удыхъæды хицау, ды бæллыс дæ арф зонындзи-нæдтæ æмæ куырыхондзинадæй фылдæр адæмы рæдауæй фæхайджын кæнынмæ. Поэт, прозаик, драматург, публицист, литературæзонæг æмæ дæм тæлмацгæнæджы номæй бадзурыны фадат чи дæтты, дæ уыцы бирæвæрсыг курдиат у ирон адæмы хæзна. Дæ егъау удуæлдай æнтыстджын, пайдахæссæг рухстауæн архайды нысан у, аргъ кæмæн нæй, нæ адæмы уыцы удвæрнон бынтæ бахъахъхъæнын, дæ зонадон куыстытæ та сты нæ зонады уæлдай сæрыстырдзинады хос.

Бæрзонд аргъы аккаг у дæ бирæазон æхсæнадон-политикон архайд. Уый бирæбæрцæй ахъаз кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады фæзынд æмæ сфидар кæнынæн.

Дæ райгуырæн боны дын мæ зæрдæ зæгъы, зынаргъ Нафи, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзæбон!»