Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн
1 января 2025 годаТурчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Зынаргъ Президент!
Ног азы къæсæрыл уын зæрдиаг арфæ кæнын мæхи æмæ не ‘хсæнад «Алан»-ы номæй. Ног азы хорзæх уæ уæд. Ног аз уын ног хæрзтæ æрхæссæд!
Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ стыр æнтыстытæ! Уæ бинонтимæ зæрдæрухсæй бирæ Ног азтæ куыд бæрæг кæнат, уыцы амонд уæ уæд.
Хуссар Ирыстоны адæмæн дæр зæрдиаг арфæ кæнын бæрæгбоны къæсæрыл. Нæ хæдбар паддзахады сæрибардзинад фидарæй-фидардæр куыд кæна, Стыр Хуыцау уыцы арфæ ракæнæд».