Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Стыр Уæлахизы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Зæрдæвæрæны мæйы 8-æм бон Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 79-æм афæдзы боны цытæн дын арфæ кæнын.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ рох нæ уыдзысты ирон адæмæй. Знагæй Фыдыбæстæ бахъахъхъæнгæйæ, уæлахизмæ хъæбатырдзинады фæндагыл цыдысты нæ зынаргъ ветерантæ. Знаджы ныхмæ хæцгæйæ уыдон равдыстой сæ хъæбатырдзинад. Сæрыстыр стæм нæ хъæбатыр хæстонтæй.

Стыр Уæлахизы боны хорзæх нæ уæд. Хæст æмæ фыдбылызæй хызт уæм кæддæриддæр. Нæ кæстæртæ сабырдзинады куыд рæзой, ахæм амонд сын Стыр Хуыцау радтæд.

Цытджын Президент, зæрдиаг арфæ дын кæнын æмæ мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, бирæ азты цæрæнбон æмæ æнæкæрон æнтыстытæ».