Президент Гаглойты Алан арвыста Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъусаты Садреттинæн æнцойы ныхæстимæ тел, кæцыйы дзырдæуы:

«Зынаргъ Садреттин!

Хъыг зæрдæйæ фехъуыстам Турчы зæххæнкъуысты сау хабар. Ацы æвирхъау цауы фæстиуæгæн фæмард тынг бирæ адæм, æмæ уын зæрдæбынæй тæфæрфæс кæнæм.

Ацы бонты нæ хъуыдытæ баст сты нæ Турчы цæрæг æфсымæртæ æмæ хотыл. Кæд дард стут, уæддæр махæн алкуыдæр стут нæ туг æмæ не стæг. Уæ лæггад Хуссар Ирыстонæн махæй рох нæу.

Куыд æй зонæм, афтæ дзы, Хуыцауы фæрцы, ирон адæмæй хъыгдард ничи æрцыд, фæлæ бахъуыды рæстæджы Ирыстоны адæм сымахæн алкуыдæр сты ныфс, ууыл дызæрдыг ма бакæнут. Уæ фарсмæ стæм абон дæр, æмæ нæ къухы цы ис, уымæй уæм цæттæ стæм фæкæсынмæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ уды хъару».