Ӕппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион советы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбег раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Хӕдбардзинад банымайыны бæрæгбоны тыххæй.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Нæ зынаргь æфсымæртæ!

Цытджын Президент Гаглойты Эдуарды фырт Алан!

2008 азы райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны ног истори! Нæ хуссайраг æфсымæртæ сæдæ азæй фылдæр цы политикон цаумæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хæдбардзинад сæ къухы бафтыд. Ӕмæ абон хъуамæ рох макæмæй уа, цы стыр аргъ бафыста нæ адæм хæдбардзинады сæрвæлтау, цавæр тугкалд хæст цыд, цас адæм фæмард æнæаххосæй гуырдзиаг лæгмарты къухæй, уый. Уарзон адæм æмæ республикæйы сомбоныл йæ цард чи снывонд кодта, уыцы хъайтарты нæмттæ та рох никуы уыдзысты æмæ кæддæриддæр сæрыстыр уыдзыстæм!

Уыцы лæгæвзарæн бонты чысыл республикæйы фарсмæ Уæрæсе куы нæ рбалæууыдаид, уæд зын зæгъæн у, куыд рауадаид йæ дарддæры хъысмæт. Ныр дæр Уæрæсейы æфсæддон тыхтæ республикæйы арæнтыл хъахъæнынц сабырдзинад!

Абон Хуссар Ирыстон лæууы рæзты къахыл æмæ ног цард аразы! Ӕппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» зæрдиаг арфæтæ кæны хуссайраг æфсымæртæн сабырдзинад æмæ сæрибардзинады паддзахадон бæрæгбоны фæдыл! Уырны нæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæн рæсугьд æмæ фæрнджын кæй уыдзæн!»