Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин арфæйы тел æрбарвыста нæ паддзахады сæргълæууæджы номыл, кæцы уыд проект «Аланты фæды» хайадисджытæй сæ иу.

Хъуысайы фырт йæ телы цины æнкъарæнтимæ бузныджы ныхæстæ рвиты Хуссар Ирыстоны Президенты номыл:

«Зынаргъ Харитоны фырт Леонид!

Проект «Аланты фæд»-æй нæ дзыллæйæн стыр хорздзинад сарæзтай. Нæ фыдæлты бæстæмæ нæ æрхуыдтай æмæ нын стыр кад скодтай. Ацы проектыл бирæ бацархайдтат æмæ дзы мах та тынг пайда скодтам. Стыр бузныг дын зæгъæм Ирыстоны цы рæсуъд бонтæ арвыстам уый фæдыл! Хуыцау дын дæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтын кæнæд! Ирон фарн, ирон кад æмæ намыс дæ хуры тынтау батавæнт!

Зæрдæбынæй арфæ ма кæнæм Пухаты Константинæн.

Мах диаспорайы цæрæг Ирæттæн кæддæриттæр Стыр фæллой кæны. Уый æруаджы нæ фыдæлты бæстæйæ уæлдæй ад исæм. Йæ цæрæнбон бирæ уæд».