Следующие новости

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдæбын арфæ уын кæнын Сыгъдæг Уастырджыйы стыр бæрæгбоны цытæн!

Нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ, æнæхай æмæ æдыхты хъахъхъæнæг Уастырджыйы фæлгонц у ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын Ирыстоны æппæт цæрджытæн. Иу бинонты бæрæгбон дæр нæ ацæуы æнæ куывдæй Сыгъдæг Уастырджымæ.

Рухс Уастырджыйы бæрæгбонтæ нысан цæуынц æгас Ирыстоны æмæ баст сты нæ адæмыл аудæг зæдимæ, уæларвон тыхты минæваримæ, нæ сæрхъызой, уæларвон хæстонимæ, кæцы кæддæриддæр æххуысмæ фæзыны, сыгъдæг зæрдæ, сыгъдæг хъуыдытимæ йæм чи бахаты, уымæ.

Бæрæгбонон къуырийы дæргъы алы ирон хæдзары дæр кувдзысты Фыдыбæстæйы фæрныгадæн, кæрæдзи æмбарынад æмæ Ирыстоны адæмы рæсугъд фидæны тыххæй.

Уадз æмæ фехъуысæд уыцы куывдтытæ Стыр Хуыцау æмæ Уастырджымæ, нæ Фыдыбæстæ нын бахизæнт æппæт æнамонддзинæдтæ æмæ фыдбылызтæй, Ирыстоны алы хæдзарæн дæр балæвар кæнæнт фæрныгад æмæ амонд!

Сыгъдæг Уастырджы уын бахъахъхъæнæд уæ хæдзæрттæ æмæ уын радтæд фидар æнæниздзинад, бæркад æмæ хæрзæбон!

Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, хордзинад æмæ райгæ цард!

Уастырджыйы хорзæх уæ уæд!