Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Сыгъдæг Уастырджыйы стыр бæрæгбоны фæдыл! Нæ фыдæлтæ нын бирæ раппæлинаг æгъдæуттæ æмæ традицитæ ныууагътой. Сæ мидæг ис ахуырад цардыл, æрдзыл, æхсæнады æлдариуæггæнæг фæтктыл, сæйраджы та, иумæ нæ зындзинæдты ныхмæ цы фæфидар кæны, уый. Уыдон сты нæ бындур, нæ уидæгтæ.

Уастырджыйы бæраегбон у иудзинады, æфсымæрдзинады, кæрæдзи æмбарындзинады бæрæгбон. Фыдæлты æгъдæуттæн чи аргъ кæны, сæ монон традицитæ сын рох чи нæ кæны, чи сыл хæцы, уыдонæн иухуызон зынаргъ у ацы бæрæгбон.

Рухс Уастырджыйы бæрæгбонтæ нысан кæнынц æгас Ирыстоны æмæ баст сты нæ адæмыл аудæг зæдимæ, уæларвон тыхты минæваримæ, нæ сæрхъызой, уæларвон хæстонимæ, кæцы кæддæриддæр æххуысмæ фæзыны, сыгъдæг зæрдæ, сыгъдæг хъуыдытимæ йæм чи бахаты, уымæ.

Ирыстоны иу ахæм къуым не ссардзынæ Уастырджыйы номыл кувæндон кæм нæй. Уыдон иу кæнынц моны æгас Ир.

Сыгъдæг Уастырджы уæ хъахъхъæнæд, фыдбылыз æмæ зындзинæдтæй бахизæд алы хæдзар Ирыстоны, алкæй зæрдæ уæ байдзаг кæнæд фарнæй, уарзондзинадæй, уæздандзинадæй æмæ уæ сомбоны фидар ныфсæй!

Уастырджыйы хорзæх уæ уæд!