Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ!

Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны цытæн.

Ацы бон 1899 азы 15 майы мыхуыры рацыд Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр».

Нæ дзыллæйы хъуамæ алчидæр æмбара, куыд хъæздыг хæзна нын ныууагътой нæ уæздан фыдæлтæ. Ирон æвзаджы руаджы дуне базыдта Нарты кадджытæ, ирон æвзагыл се ʻнæмæлгæ уацмыстæ фыстой Хетӕгкаты Къоста, Гӕдиаты Секъа, Джуссойты Нафи, Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ иннæ номдзыд, адæмæн уарзондæр æмæ адджындæр поэттæ æмæ прозаиктæ.

Фæлæ цыфæнды хъæздыг æвзагæн дæр æнæ мæлгæ нæй, дзурæг ыл куы нæуал уа, уæд. Махæн нæ хæс у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæн уарзын кæнæм нæ мадæлон æвзаг. Фæлæ уымæн æрмæст сур ныхæстæй аразæн нæй – нæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ уыной æмæ æнкъарой, махӕн, сæ хистæртæн, ирон æвзаг æрмæст бæрæгбонты уарзинаг кæй нæу, фæлæ æрвылбон дæр. Хъуамæ дзы пайда кæнæм нæ царды алы къабазы дæр. Афтæ куы уа, уæд фæсивæд дæр тырндзысты йæ зонынмæ, сæ цæсты уыдзæн кадджын.

Ирон æвзаг у нæ республикæ, нæ паддзахады бындур æмæ астæумагъз, æмæ махæй алкæй хæс дæр у архайын не ‘взаджы ахадындзинад фæбæрзонддæр æмæ фæуæрæхдæр кæныныл куыд æхсæнады, афтæ паддзахадон æмвæзадыл дæр.

Зынаргъ хӕлӕрттӕ, бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Уадз ӕмӕ ирон æвзаг кæддæриддæр уа фидар æмæ цардхъом, фарнимæ хъуысæд алы ирон хæдзары дæр.