Зынаргъ æмбæстæгтае!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн. Нæ фыдæлтæ нын цы æвæджиауы хæзнатæ ныууагътой, уыдонæн сæ иууылдæр егъаудæр у ирон æвзаг.

Бирæ фыдæбæтты сæрты рахызт ирон æвзаг, бирæ фыдæвзарæнты бахауд, абон дæр ма бирæ ныхдуртыл æмбæлы, фæлæ уæддæр фидар лæууы, уæддæр ын фесæфæн нæй, уымæн æмæ иронау снывæзтой сæ диссаджы уацмыстæ Хетагкаты Къоста, Джусойты Нафи, Плиты Грис æмæ бирæ æндæр курдиатджын фысджытæ.

Абон нæ хæс у, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ фыдæлты ʻвзаг, æмæ ууыл нæ республикæйы Хицауад, ахуыргæндтæ, фысджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзтæ нысанмæздæхт куыст кæнынц. Арæзт цæуынц программæтæ æвзаджы райрæзты фæдыл,цæмæй нæ ирон æвзаг ноджы æнтыстджындæрæй ахуыр цæуа, йæ ахадындзинад фæуæрæхдæр уа.

Фæлæ уый фаг нæу. Хъуамæ алы ирон хæдзарæй дæр ирон ныхас хъуыса, хъуамæ алы ирон ныййарæг дæр йæ хъæбулимæ мадæлон æвзагыл дзура æмæ йын стыр кад кæнын фæраза.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Уалахиз уæд нæ ирон æвзаг!

Цæрæд æнустæм æмæ хъусæд Ирыстоны алы къуымы!