- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Зары трагедийыл 22 азы сæххæсты оххыл фыдохы митингы раныхас

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон, зæрдылдарæн æмæ фыдохы боны, мах æрæмбырд стæм, нæ адæмы ныхмæ æвирхъаудæр фыдракæндтæй иу кæм æрцыд, уыцы бынаты. Рæстæг цæуы, фæлæ ацы карз трагедийæн ферох кæнæн нæй. Уыцы катайаг бонтæ нæ цæстыты раз ирдæй лæууынц. Нæ зæрдæтæ риссынц, куы æрымысæм Зар æмæ Ереды трагедитæ, ирон адаемыл XX æмæ XXI æнусты цы тугуарæнтæ ‘рцыд, уыдон. Абон мах нæ зæрдыл лæууын кæнæм, Гуырдзыстон ирон адæмæн цы геноцид сарæзта, уый амæттæгты рухс нæмттæ. Знаджы фæндыд ирон адæмы удыхъæд басæттын. Фæлæ, сæ фыдæлты хъæбатыр туг кæй дадзинты зилы, уыцы адæмæн басæттæн нæй.

Зæрдæбынæй мæсæллæй зæгъын, ацы тугæйдзаг азты знаджы къухæй чи фæмард, уыдон хæстæджытæ æмæ хиуæттæн. Нæ дзæнæттаг æмбæстагтæн та сæ рухс нæмттæ никуы ферох кæндзыстæм.

Дзæвгар азты дæргьы Хуссар Ирыстоны адæм фидарæй лæууыдысты Гуырдзыстоны агрессийы ныхмæ. Абон, хæдбар æмæ сæрибар Республикæ Хуссар Ирыстоны цæргæйæ, мах уынæм, нæ адæм сæ фидæн стыр Уæрæсеимæ кæй бабастой, уый раст уынаффæ кæй уыд. Ирон адæм нымадтой æмæ нымайынц Уæрæсейы Федераци нæ адæмы æдасдзинад, цард æмæ сабырады гарантыл.

Бузныг зæгъæм Ирыстоны хъахъхъæнджытæн æмæ Стыр Уæрæсейæн, ирон адæмы гуырдзыйы æбуалгъ тугмондаг æрдонгтæй чи фервæзын кодта. Æнустæм нæ адæмы зæрдæты уыдзæн уыдоны стыр лæггад.

Хуссар Ирыстоны саст баййафгæйæ, фашизм ногæй йæ сæр сдардта Украинæйы. Уынæм, гуырдзиаг фашизм æмæ, ныртæккæ Украинæйы цы национал-фашисттæ архайынц, уыдонæн Ныгуылæны кæй ис уыцыиу сæрылхæцджытæ. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ карзæй сты фашизмы ныхмæ. Мах лæууæм сабырадон размæдзыды фарс. Сидæм æппæт дунейы рæстуд адæммæ, цæмæй фидар фæлæууой сабырад, фидыдад æмæ хæларады сæррапонд.