Хъуысаты Садреттин: «Нæ зæрдæ дын зъæгъы Президенты æвзæрстыты уæлахиздзинад, зынаргъ Леонид»
1 февраля 2017 годаРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырты номыл Турчы æхсæнад «Алан»-ы сæрадар Хъуысаты Садреттинæй ссыд арфæйы тел, кæцыйы уый туркаг ирæтты номæй разæнгард кæны ныры президенты президентон æвзæрстыты хайад райсын æмæ уæлахиздзау уæвынмæ:
«Зынрагъ Леонид!
Мах базонгæ стæм Республикæмæ куы абалц кодтам уæд.
Дисы нæ бафтыдта, куыд дæсны разамонæг дæ уый.
Диаспорайы цæрæг ирон адæм нæ фыдæлты бæстæйы разамынады аудындзинад банкъардтам.
Хуссар Ирыстоны нæхи банкъарæм, цыма нæхимæ стæм, афтæ. Нæ æцæг, хъарым хæдзары вæййæм, тынг æхсызгонæй. Ирыстоны куы вæййæм уæд нын ахæм профессионалон программæтæ саразут æмæ нæ фæссивæд ирондзинады культурæ бауарзтой . Ныр нæ æхсæнад ирон æвзагы куыстытæм се’ппæт дæр цæуын райдыдтой.
Бафæндыд нæ, нæ зынаргъ Республикæйы æмбæстæгтæ суæвын. Ахæм курдиатимæ фæсидтыстæм дæумæ æмæ ирæтты тыхæй уый стыр хорзæх у.
Зынаргъ Леонид, мах фæнды цæмæй дын дæ фæндтæ кæронмæ сæххæст кæныны фадат уа, уый. Нæ зæрдæ дын зъæгъы президенты æвзæрстыты уæлахиздзинад.
Стыр Хуыцауы хорзæх дæ уæд!»