Следующие новости

Турчы цæрæг ирон адæмы номæй Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садредтин зæрдæбын арфæтæ æрбарвыста Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номыл Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад цы бон банымадта, уыцы боны оххыл.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Хуссар Ирыстоны Президент, Тыбылты Харитоны фырт, зынаргъ Леонид!

Зæрдиаг арфæ кæнæм дæуæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт æмбæстæгтæн нæ рæспубликæйы хæдбардзинад нын Уæрæсæйы Фæдæраци куы банымадта, уыцы бæрæгбоны фæдыл.

26 август æппæт Ирон адæмæн у историон бон. Ирон адæм бахъахъæдтой сæ хæдбардзинад æмæ сæ къухы бафтыд сæрибар демократон паддзахад. Сæрыстыр стæм, уымæн æмæ республикæ æнтысгæйæ цæуы размæ.

Ацы стыр бон, нæ æмтуг Хуссар Ирыстойнаг адæмæн нæ зæрдæ зæгъы фарн, размæцыд æмæ сабырад».