Хоситы Бурханы ногазон арфæ Тыбылты Леонидæн
31 декабря 2015 годаÆхсызгон уац æрбайхъуыст Ирмæ Турчы зæххæй. Уымы цæрæг ирон адæмы кульутрон æмæхсæнады минæвар, Турчы ирон æвзаг æмæ ирон культурæ бахъахъхъæныны егъау хайбавæрд бахæссæг Хуссар Ирыстоны стыр хæлар Хоситы Бурхан Истамбулæй рарвыста ногазон арфæйы ныхæстæ Президент Тыбылты Леонидæн. Мыхуыр ын кæнæм йæ арфæйы фыстæг æнæхъæнæй:
«Mæ зынаргъ Президент, зынаргъ Тыбылты Леонид,
Ног азы арфæ кæнын дæуæн, дæ бинонтæн, нæ иунæг хæдбар Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, мæ уарзон, зынаргъ ирон адæмæн. Ног аз уын ног хæрзтæ æрхæссæд! Исты æнкъарддзинад кæнæ рыст уæм кæд уыди, уæд уыдоны та зæронд аз йемæ ахæссæд. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, амонд æмæ бирæ æнтыстдзинæдтæ! Уæ хæдзæрттæ бæркадджын æмæ фæрнæйдзаг уæнт!
Ног аз ног хæрзтæ æрхæссæд Хуссар Ирыстонæн! Хуыцау зæгъæд æмæ ирон фарн, ирон кад æмæ намыс хуры тынты хуызæн батавой Хуссар Ирыстон. Нæ иунæг хæдбар республикæйы тырыса фæйлауæд æнусты дæргъы!
Ног азы хорзæх уæ уæд!»