- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Хоситы Бурхан раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Бибылты Анатолийæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли,

Арфæ дын кæнын дæ гуырæн боны цытæн!

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ паддзахадон архайды æнтыстытæ.

Ирон адæмæн æмæ Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай уыцы амонд дын уæд. Дæ бинонтимæ дæ уарзон адæмимæ зæрдæрухсæй бирæ цæр.

Зæрдæйæ баст дæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ нæ цытджын Президентмæ. Кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уе’мæ.

Кæрæдзийæн ныфсæнцæйттæ куыд уæм уыцы амонд нын уæд».