Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдар Уататы Зелимхан раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланӕн республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны боны фӕдыл.

Арфӕйы телы дзырдӕуы:

«Цытджын Президент Гаглойты Алан!

Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас» арфӕ кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн хистӕрӕй-кӕстӕрмӕ сӕ хӕдбардзинад нымадмӕ ист кӕй ӕрцыдис, уыцы стыр бӕрӕгбоны фӕдыл.

Ныр ӕхсӕрдӕс азы дӕргъы майрӕмы мӕйы бон Хуссар Ирыстоны егъау паддзахадон бӕрӕгбоныл дзӕгъӕлы не ‘рцыдис нымад. Уымӕн ӕмӕ сси ӕнӕзӕрдӕхсайгӕ историон ӕцӕгдзинад сӕндидзыны ирддӕр нысан.

Рӕзы дуне, цӕуы цард Ирыстон-Аланийы дӕр, фӕлӕ нӕй рохуаты ныууадзӕн, йӕ ном ӕнусон чи скодта Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинады сӕрвӕлтау, уыцы ӕнӕмӕлгӕ хъайтартӕн. Стыр бузныг аккаг чи у, сӕрӕй ныллӕг кувын кӕмӕн хъӕуы, уыцы мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлтӕн уӕлдай арфӕ кӕнӕм стыр бӕрӕгбоны фӕдыл

Ацы ахъаззаг хъуыддаджы ирон адӕм бузныг сты разагъды Уӕрӕсейы Федерацийӕ, йӕ рӕстӕджы нӕ адӕмы ӕдасдзинад чи бахъахъхъӕдта, сӕ сӕрибар ӕмӕ сын сӕ хӕдбардзинад нымадмӕ чи райста, уыцы Уӕрӕсейӕ.

Абон, нӕ фӕлдурӕдджын ӕмӕ змӕст рӕстӕджы, Ирыстоны фырттӕ Хуссарӕй Цӕгатмӕ хъахъхъӕнынц сӕхи ном, нӕ адӕмы ӕмӕ Уӕрӕсейы кады ном. Иунӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ сын Уастырджы ӕххуысгӕнӕг фӕуӕнт нӕ фӕрныг зӕххыл фӕстӕмӕ Уӕлахизимӕ сӕрӕгасӕй сӕмбӕлынмӕ!

Размӕ цӕугӕйӕ ныфсджын, уӕнгвидар ӕмӕ удвидар уӕм, ирон адӕм!»