- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Раныхас Зары трагедийы амæттæгты номарæн митингы

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон уын мæ бон нæу зæгъын: «Уæ бонтæ хорз!», уый тыхæй, æмæ абоны бон хорз нæу. Хорз нæу ирон адæмæн 25 азы бæрц, уый тыххæй æмæ абон æркалди туг, абон цагъд æрцыдысты нæ сылгоймæгтæ, нæ ацæргæ лæгтæ, нæ кæстæртæ. 25 азы дæргъы, майы 20-æм бон, мах, Ирыстоны адæм, Цæгат æмæ Хуссарыл æнæдихæй, æрæмбырд вæййæм ам, цæмæй сын сæ ном ссарæм, цæссыг æркалæм, цæмæй та ‘рымысæм, цы уæззау бонтæ арвыстам, цы рæстæг арвыстой Ирыстон, Ирыстоны адæм, æмæ та кæрæдзийыл баузалæм, кæрæдзийæн ныфс раттæм.

Гуырдзыстоны неофашисттæ куы федтой, Ирыстоны хъæбатыр фæсивæды ныхмæ сæ бон саразын кæй ницы у, горæтмæ ‘рбахизын сæ бон кæй нæу, Ирыстон йæ зоныгуытыл æрлæууын кæнын сæ бон кæй нæу, уæд æрымысыдысты æндæргъуызон хæст, æрымысыдысты, цæмæй адæмы цæгъдын райдайой кæстæрæй хистæрмæ, цæмæй нæ тас бауадзой, цæмæй нын нæ ныфс ацъæл кæной, цæмæй мауал скæсæм хæрдмæ.

Фæлæ сын нæ рауад.

Мах та фæстæмæ бангом стæм, мах та фæстæмæ нæ риутæ райхæлдтам, нæ фæсивæд та размæ рахызтысты, æмæ загътой: «Нæй, цы фæнды нын кæнæнт, цы фæнды нæ цæгъдæнт, уæддæр Ирыстоны сомбон уыдзæнис, мах куыд зæгъæм æмæ мах куыд фæнды, афтæ!»

Фæлæ фашисттæ уæддæр фæтарстысты хъæбатырдзинадæй, 11-азыдзыд лæппуйы хъæбатырдзинадæй. Къæбысты Батрадзы хъæбатырдзинадæй фæтарстысты, кæцы йæ хъæбатырдзинад равдыста, цæмæй фæстейæ цы адæм сцæйцыдысты, уыдонæн сæ цард бахъахъхъæна, зæгъа сын: «Макæут, уæлейæ цæгъдынц, ма ацыт!» Æмæ уыцы хъæбатырдзинад равдыста Батрадз, уыцы хъæбатырдзинадæй фæтарстысты уыцы тыхгæнджытæ, æмæ йæ амардтой. Курæг уæ дæн, цæмæй сын, иу уысым æмырæй алæугæйæ, сæ рæсугъд ном, сæ сыгдæг ном ссарæм.

25 азы размæ дæр уыд растдæр ахæм бон, æмæ, æвæццæгæн, Хуыцау, зæдтæ æмæ дзуæрттæ абон ам махимæ сты, абон уыдон дæр сæ цæссыг калынц уыцы адæмыл. Ахæм хъуыддагæн ныббарæн нæй, ахæм хъуыддагæн ферохгæнæн нæй. Цалынмæ ирон цæст æрттива, цалынмæ ирон ныхас хъуыса, уæдмæ йыл дзурдзыстæм, уæдмæ йыл кæудзыстæм, уæдмæ уыдзысты нæ зæрдæты, уæдмæ сын кад æмæ аргъ кæндзыстæм.

Æмæ нын Дунескæнæг Хуыцау уыцы амонд раттæд, цæмæй ахæм хабæрттæ Ирыстоны зæххыл дæр æмæ æгас дунейы дæр макуы уал æрцæуой!