- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Поздравление с праздником Хетæджы Уастырджи

Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ, фарн уæм бадзурæд!

Арфæ уын кæнын Ирыстоны иууыл кадджындæр бæрæгбонтæй сæ иу – Хетæджы Уастырджыйы боны цытæн.

Æрвылаз дæр Ирыстоны адæм æрæмбырд вæййынц, цæмæй скувой нæ кæстæрты амондджын абон æмæ фидæны тыххæй, бафæдзæхсой сæ хиуæтты Хетæджы Уастырджыйæн.

Кувæм Стыр Хуыцаумæ, æппæт сыгъдæг тыхтæм, цæмæй хъахъхъæной Ирыстон.

Хетæджы Уастырджыйы бæрæгбон нæ йæ фарнæй кæрæдзийыл бæтты. Ирон адæмæн ссис иумæйаг бæрæгбон, иумæ йæм кувæм, йæ ном ын æмхуызонæй кадимæ арæм.

Уадз æмæ ацы рæсугъд бæрæгбон Ирыстоны алкæцы бинонтæн дæр æрхæсса цин æмæ фарн.

Уыимæ иумæ курæм Уастырджыйæ цæмæй нын нæ сабыр цард йæ риуæй чи хъахъхъæны, уыцы лæппутæ тагъд рæстæджы уæлахизæй сæ хæдзæрттыл сæмбæлой.

Хетæджы Уастырджыйы хорзæх уæд нæ Ирыстоны адæмы!

Дидин æфтау, нæ уарзон Ирыстон!