Алан Гаглоев провел рабочую встречу с Александром Новаком
Все новости
Алан Гаглоев поздравил Даниэля Ортегу с Днем рождения
Поздравление с Днем экономиста
Поздравление с Днем работника правоохранительных органов
Встречи с депутатами трех парламентских фракций
Встреча с Министром культуры Радмилой Дзагоевой
Все фото
Церемония вручения государственных наград
Все видео
Обращение к народу Республики Южная Осетия
Дорогие соотечественники! Дорогие друзья!
Совсем скоро наступит 2023 год. Мы всегда ждем Новый год с надеждой и волнением, верим в самое лучшее и светлое.
Уходящий год был сложным для каждого из нас, сопряженным с большими переживаниями и потерями. Но это также был год принятия важных, судьбоносных решений.
Мы с вами живем в неспокойном мире, являемся свидетелями фундаментальных геополитических изменений, которые происходят на международной арене. В это непростое время мы должны приложить все усилия, чтобы Южная Осетия как республика и страна продолжала свое развитие, чтобы качество жизни наших граждан менялось к лучшему.
Мы вместе с другими народами России продолжаем отстаивать национальные интересы нашей общей Родины – Российской Федерации. Наши граждане принимают активное участие в специальной военной операции. Воины Осетии героически борются за существование Южной Осетии. К сожалению, мы понесли потери.
Хочу выразить слова искренней поддержки всем, кто потерял родных и близких, и обещаю сделать все от меня зависящее для того, чтобы имена наших героев навсегда остались в памяти народа.
Дорогие соотечественники!
Несмотря на все трудности, мы твердо и последовательно отстаиваем наши национальные интересы, защищаем безопасность нашей республики и наших граждан.
В уходящем году мы добились определенных достижений. Прежде всего, нам вместе удалось преодолеть очень сложный предвыборный период. Мы все почувствовали, что, сплотившись, общество способно преодолеть любые трудности. И только во взаимоуважении и взаимопонимании наша сила.
Прошедший год также показал, что теперь нам совместно с вами придется решать серьезные задачи: осуществлять системные преобразования, проводить необходимые реформы.
Могу сказать одно: работа над решением этих и многих других вопросов уже началась.
В текущем году мы также отметили знаменательную дату в новейшей истории Республики Южная Осетия – 30-летие принятия Акта провозглашения государственной независимости. Мы и дальше будем работать над реализацией наших главных стратегических целей: повышением политической устойчивости и социально-экономическим развитием нашей республики.
Также хочу отметить и то, что нам удалось повысить заработную плату отдельным категориям работников и в будущем году планируется индексация заработной платы ряду ведомств. Успешно реализуется Инвестиционная программа содействия социально-экономическому развитию Республики Южная Осетия, формируются принципы развития реального сектора экономики. Мы, как и обещали, уделяем особое внимание развитию районов и сел Южной Осетии.
Искренне благодарю каждого за труд, за вашу работу и ее результаты.
До Нового года остались считанные секунды. Давайте пожелаем друг другу успехов, радости и счастья. Пусть вас согревает тепло семейного очага, любовь и взаимопонимание будут вашими спутниками по жизни. Новый год будет щедрым на радостные события, оправдает самые смелые ожидания, а ваши дни будут согреты теплом, заботой и любовью близких и родных!
С праздником вас, с Новым, 2023 годом!
Республикæ Хуссар Ирыстоны адæммæ ногазон ныстуан
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Тынг æввахс рæстæджы къæсæрыл æрбалæудзæн 2023 аз. Ног азы æрбалæудмæ зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсæм, йемæ баст вæййынц нæ рæсугъддæр бæллицтæ, ныфс нæ вæййы, кæй сæххæст уыдзысты.
Ацæугæ аз махæй алкæмæндæр уыд вазыгджын, бирæ зындзинæдтæ æмæ мæстытæ бавзæрстой нæ адæм. Фæлæ уыимæ иумæ ахсджиаг, æнæмæнгхъæугæ уынаффæтæ дæр хаст æрцыдысты.
Мах иууылдæр æвдисæн стæм дунейы цы фундаменталон, геополитикон ивындзынæдтæ цæуы, уымæн. Ацы уæззау, ныхмæлæууæг рæстæджы мах хъуамæ нæ тыхтæ раттæм, цæмæй Хуссар Ирыстон, куыд бæстæ æмæ республикӕ дарддæр рæза æмæ фидар кæна, цæмæй нæ адæмы цардыхъæд хуыздæр кæна.
Мах, Уæрæсейы адæмимæ иумæ, дарддæр дæр фидар лæууæм нæ иумийаг Райгуырæн бæстæ Уæрæсейы Федерацийы интересты бахъахъхъæныны ӕмварс. Мах æмбæстæгтæ активон хайад исынц Сæрмагонд хæстон операцийы. Ирыстоны хæстонтæ фидар æмæ хъæбатырæй тох кæнынц Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау. Хъыгагæн ныл зиæнттæ æрцыд.
Тæфæрфæс кæнын зианджын бинонтæн, сæ хæстæджытæн æмæ дзырд дæттын, мæнæй аразгæ цы у, уый кæй сараздзынæн, цæмæй не ‘мзæххон хъайтарты нæмттæ рох ма уой æнустæм.
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ фидар æмæ æнувыдæй архайæм нæ националон интерестæ æххæст кæныныл æмæ нæ республикӕ æмæ æмбæстæгты æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл.
Ацæугæ азы нын бантыст бæлвырд æнтыстытæ. Фыццаг уал уый, æмæ тынг зын æмæ вазыгджын æвзæрстытыл рацыдыстæм иумæ. Алчи дæр æй фæхатыд, кæрæдзи фарсмæ куы балæууæм æнгом, уæд цыфæнды зындзинадыл дæр фæтых уыдзыстæм. Кæрæдзи æмбарындзинады, кæрæдзийæн аргъ кæныны, адæмы иудзинады ис нæ тых.
Ацæугæ аз ма равдыста, ног вазыгджын хӕслӕвӕрдтæ нæ баххӕст кӕнын кæй хъӕудзæн, системон ивындзинæдтæ скæнын, ахсджиаг реформæтæ саразын.
Абон уын мæ бон зæгъын у: ацы фарстаты æмæ ма бирæ æндæрты фæдыл куыст цæуы.
Ацы аз мах банысан кодтам Хуссар Ирыстоны историйы ахсджиагдӕр бӕрӕгбонтӕй иу – Хӕдбардзынады Акт райсыны 30-ӕм афӕдзыбон. Дарддæр архайдзыстæм нæ сæйраг стратегион нысӕнтты реализацийыл: республикæйы политикон æнæцудгæдзинад фидаркæныныл æмæ социалон-экономикон райрæзтыл.
Фæнды ма мæ банысан кæнын, кæй нын бантыст иуæй-иу категориты кусджытæн сæ мыздтыл схæцын, æмæ фидӕн азы нывӕсты ис цалдæр уагдоны мыздты индексаци. Æнтыстджынæй реализацигонд цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ, экономикæйы реалон секторы рæзты принциптæ сфидар кæныны куыст. Афтæ ма, ныфс куыд æвæрдтам, афтӕмӕй районтæ æмæ хъæуты райрæзтмæ сæрмагонд хъусдард здахæм.
Зæрдиагæй бузныг зæгъын алкæмæндæр йæ куыст, йæ архайд, йе ‘нтыстытыты тыххӕй.
Ног Бонмæ ма баззад нымад секундтæ. Кæрæдзийæн арфæ ракæнæм. Æрхæссæд нын Нæуæг аз ног æнтыстытæ, циндзинад æмæ амонд. Æнæниздзинад, фарн æмæ уарзондзинадæй дзаг уæд уæ хæдзæрттæ! Уадз ӕмӕ Ног аз разына рæдау цины цаутыл, æххæст æрцæуой уæ бæллицтæ, æмæ уæ хиуæтты, уæ хæстæджыты, уе ‘ввахс адæмы уарзондзинадæй, хъармдзинадæй æмæ аудындзинадæй дзаг уæд уæ бонтæ.
Арфæ уын кæнын, Ног, 2023 азы хорзæх уæ уæд!