- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Хъамболты Маратæн Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн

Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Маратæн Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Марат Аркадийы фырт!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы номæй!

Иуæй-иу адæмтæ картæйыл ахсынц чысыл бынат, фæлæ цы истори, хъизæмæрттæ, ныфс, кæнæ хъайтардзинад хæссынц, уыдон сты сæ арæнтæй стырдæр. Хуссар Ирыстон у ахæм бæстæ.

Гуырдзыстоны æфхæрды ныхмæ æнусæй фылдæр тох æмæ хæстыты фæстæ 2008 азы 26 августы Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ йæ хæлар æмæ æфсымæрон Республикæ Абхазы хæдбардзинад.

26 август ныр у хæстыты æмæ зиæнтты фæстæ фидæнмæ кæсыны бон. Чысыл бæстæты хъысмæт алкæддæр æнцон нæ вæййы. Йæ уæвынад фидар кæнын æмæ дунейы йæхицæн бынат ссарынæн хъæуы бирæ рæстæг.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Уæлахиз уæд Хæдбар Ирыстон!»