Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн
31 декабря 2025 годаТурчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Зынаргъ Алан Эдуарды фырт!
Ног азы къæсæрыл уын зæрдиаг арфæ кæнын мæхи номæй æмæ Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы номæй. Ног аз ног хæрзтæ æрхæссæд Хуссар Ирыстонæн!
Нæ Ирыстоны сабырдзинад куыд уа, уыцы арфæ ракæнæд стыр Хуыцау!»






