Следующие новости

Турчы цæрæг ирон адæмы номæй Æхсæнад «Алан»-ы сӕргълӕууӕг Хъуысаты Садреттин раарфӕ кодта Президент Гаглойты Аланӕн Джеоргуыбайы бӕрӕгбоны цытӕн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын президент!

Зӕрдиаг арфӕ Дын кӕнын Турчы цӕрӕг ирон адӕмы Ӕхсӕнад «Алан»-ы номӕй.

Абон Ирыстоны райдыдта ирон адӕмы сӕйрагдӕр ӕмӕ кадджындӕр бӕрӕгбон – Джеоргуыба. Хуссарӕй Цӕгатмӕ нӕ бӕрӕгбоны хорзӕх уӕд. Ирон адӕм кувдзысты алы хӕдзары дӕр, ӕмӕ Стыр Хуыцау йӕхимӕ айсӕд сӕ куывд. Стыр Хуыцау бахизӕд Ирыстоны фыдбылызтӕй.

Рухс фидӕн саразӕд нӕ кӕстӕртӕн. Ирон ном ӕмӕ кад хъахъхъӕныны тыххӕй чи тох кӕны нӕ хӕстонтӕй, уыдон та сӕрыгас ӕмӕ ӕнӕнизӕй ӕрыздӕхӕд сӕ хӕдзӕрттӕм.

Нӕ Ирыстон ирон адӕмӕй фылдӕр кӕнӕд, ӕмӕ ирон та адӕм та Хуссарӕй Цӕгатмӕ тыхджындӕр уӕд».