Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Хæдбардзинад банымайыны бæрæгбоны тыххæй.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æвддæс азы размæ кæй банымадта, уыцы бæрæгбоны цытæн!

Рухс фидæнмæ фидар къахдзæфтæ цы араза республикæ æмæ йын дунейы æппæт бæстæтæ йæ хæдбардзинад цы банымайой, уыцы арфæ йын ракæнæд Стыр Хуыцау. Уадз æнусты дæргъы Хуссар Ирыстон фæрнæйдзаг уæд.

Зынаргъ Алан Эдуарды фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, бирæ азты цæрæмбон æмæ æнæкæрон æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны райрæзтæн».