- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Стыр Уæлахизы боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Стыр Уæлахизы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Айс мын мæ зæрдиаг арфæтæ Стыр Уæлахизы 78 азы боны цытæн.

Max, Турчы цæрæг ирон адæм, сæрыстыр стæм фыдыбæстæйы хъайтар хæстонтæй. Германы хæсты знаджы ныхмæ фидар ныллæууыдысты, равдыстой лæгдзинад æмæ хъайтардзинад, хъахъхъæдтой Ирыстоны æмæ Советон бæстæйы дæр. Рох нæ уыдзысты уыцы хъайтар хæстонтæ.

Хæсты быдыры чи фæзиан, уыцы хъайтар адæм се ’ппæт дæр рухсаг уæд.

Курын Стыр Хуыцауæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны æнусты дæргъы уа сабырдзинад, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Стыр Уæлахизы бæрæгбоны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад».