Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн
30 декабря 2024 годаРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Цытджын Президент!
Ног азы хорзæх дæ уæд! Ног аз дæм ног хæрзтимæ æрцæуæд. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ иумæ хъæлдзæг æмæ амондджын цард фæкæн.
Хуссар Ирыстоны адæмæн Ног аз æрхæссæд фарн, бæркад æмæ уæлмонц æнкъарæнтæ. Цины хабæрттæ хъуысæд сæ хæдзæрттæй!
Абон хæсты быдыры чи ис нæ хъæбултæй, уыдон стыр Хуыцауы фæдзæхст уæд. Æввахс рæстæджы сæ бинонтыл сæрæгас æмæ æнæнизæй куыд сæмбæлой, уыцы арфæ сын ракæнæд Лæгты дзуар.
Цытджын Алан, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнæкæрон æнтыстытæ. Бирæ азты Хуссар Ирыстоны адæмæн зæрдæрухсæй куыд лæггад кæнай, уыцы амонд дæ уæд».