Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн
31 декабря 2023 годаРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Ног азы цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Цытджын Президент!
Зæрдиаг арфæ дын кæнын Ног азы къæсæрыл. Ног азы хорзæх дæ уæд. Ног аз ног хæрзтимæ дæм æрцæуæд. Дæ бинонтимæ, дæ уарзон адæмимæ æнæниз, бæркадджын æмæ амондджын цард фæкæн.
Ног аз Хуссар Ирыстоны адæм се ‘ппæты дæр фæрнджын, бæркадджын æмæ амондджын фæкæнæд. Цины хабæрттæ хъуысæд сæ хæдзæрттæй.
Хæсты быдыры чи ис нæ хъæбултæй, уыдон стыр Хуыцауы фæдзæхст уæд æмæ сæ бинонтыл сæрæгас æмæ æнæнизæй куыд сæмбæлой, уыцы арфæ ракæнæд стыр Хуыцау.
Цытджын Алан, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, бирæ азты цæрæнбон æмæ æнæкæрон æнтыстытæ. Бирæ азты Хуссар Ирыстоны адæмæн лæггад куыд кæнай, уыцы амонд дæ уæд».