- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент,

Арфæ дын кæнын дæ гуырæн боны цытæн,

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ паддзахадон архайды æнтыстытæ.

Ирон адæмæн æмæ Х. Ирыстонæн бирæ азты дæргъы лæггад куыд кæнай уыцы амонд дын уæд. Дæ бинонтимæ дæ уарзон адæмимæ зæрдæ рухсæй бирæ цæр.

Æз архайын Турчы бæсты Х. Ирыстоны ном бæрзондмæ хæссынмæ, Х. Ирыстон æмæ Турчы цæрæг Ирæтты æхсæн бастдзинæдты фидар дæр кæнынмæ. Уырны мæ уæ руаджы фылдæр мын бантысдзæн. Мах Турчы цæрæг Ирæттæ кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уемæ.

Кæрæдзийæн ныфсæнцæйттæ куыд уæм уыцы амонд уæд не’ппæты дæр.

Зæрдиаг саламтимæ. Стыр цытæ!»