- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæйы тел Турчы ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттинæй

Турчы цæрæг ирон адæмы номæй Æхсæнад «Алан»-ы Сæрдар Хъуысаты Садреттин зæрдæбын арфæтæ рбарвыста Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номыл Ног азы бæрæгбонмæ.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Уæ бон хорз уæд, æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд.

Ног аз æрхæццæ æмæ йын йæ хорзæхтæй хайджын ут. Уæ бæллицтæ сæххæст уæд. Хуыцау нын, нæ зынаргъ Ирыстонæн сабырдзинад æмæ бæркадджын цард с’аггаг кæнæд.

Ног азы хорзæхтæй хайджын ут!»