- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæ Уастырджымæ кувæн бонты фæдыл

Зынаргъ ирон адæм!

Æрбалæууыдысты та Уастырджымæ кувæн бонтæ, стыр, æппæтадæмон бæрæгбон, æмæ нæ алкæй дæр йæ хорзæх уæд!

Нæ рагфыдæлтæ сæ равзæрдæй фæстæмæ Уастырджыйы нымадтой ирон адæммæ Хуыцауы сæрмагонд минæварыл. Иунæг Кадджын Хуыцауы фæстæ нæхи бафæдзæхсæм Уастырджыйыл, ныфс дзы æвæрæм, нæлдых куыд уæм, нæ кæстæртæ амондджын, даргъуæрæх куыд уой, ахæм хæрзиуæг дзы курæм, æмæ-иу нын нæ куывд хорзæн куыд айса, ахæм арфæ нæ уæд!

Цыдæриддæр йæ алыварс зæдтæ-дауджытæ ис, уыдон дæр нын йæ номæй æххуысгæнæг куыд уой, ахæм арфæ нын ракæнæд Дунесфæлдисæг Иунæг Кадджын Хуыцау!

Нæ Тæхгæ-нæргæ Уастырджы фыдбылызсафæг, хæрзæбон хæссæг у, æмæ ирон адæм, æнæхъæн Ирыстон æнæфыдбылыз куыд уой, ахæм амонд нæ уæд! Нæ хъуыддæгты нæ раст фæндагыл куыд æфтауа, фæндагыл цæугæйæ нæ йæ рахис базыры бын куыд дара, ахæм ахъаз нын бакæнæд! Фыдæй-фыртмæ йæм кувæм, нæхи йын фæдзæхсæм, æмæ алы хатт дæр йæ фæдзæхст уæм!

Хуыцау æмæ нын Уастырджыйы цæст бауарзæд амондджын æмæ зæрдæрухс бæрæгбонтæ нысан кæнын! Алкæй хæдзары дæр уæ фарн æмæ амонд уæд!