- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæ турчы цæрæг ирæтты диаспорæйы културон клуб «Алан»-ы юбилейы цытæн

Мæ зынаргъ хотæ æмæ æфсымæртæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны дзыллæйады, йæ къухдариуæгады, æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбынæй арфæ кæнын сымахæн – дард Турчы зæххыл цæрæг ирæтты минæвæрттæн «Алан»-ы 25 азы сырæзты цытæн. Дардыл айхъуст уæ хъомысджын куысты хабар. Æмæ йын аккаг аргъ кæнынц æппæт дунейы цæрæг ирæттæ. «Алан» бæстæйы æмткæй æхсæнадон царды æмæ æндæр ахæм баиугæндты хсæн ахсы сæрмагонд бынат. Уæ архайдæн ис егъау нысаниуæг. Сымах кæнут стыр куыст ирон адæмы иудзинады æсфидар кæныны сæраппонд. Фæсарæнты цæргæйæ ирондзинад, ома не взаг, не гъдау, нæ културæ хъахъхъæнын. Æмæ уын æнтысгæ дæр кæны. Мæ зæрдæ уын зæгъы ноджы стырдæр æнтыстытæ!

Мах, Ирыстоны хуссар хайы цæрджытæ, æдзухæй нæ хъус дарæм туркаг ирæттæй нæм цы информаци фæхæццæ вæйы, уымæ, æмæ зæрдæбынæй фæцин кæнæм уæ алы æнтыстыл. Историйыл афæлгæсгæйæ, мæнмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæны, цы стыр зындзинæдтыл рахизыны сæр бахъуыд нæ фыдæлты, 1865 азы инæлар Къундухаты Муссæйы разамындæй Ирыстонæй æнæзонгæ Туркмæ куы рацыдысты, уæд. 160 азы рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ сымах нæ ферох кодтат мадæлон æвзаг, фыдæлты æгъдау, ирон културæ æмæ сæ хæлар кæнут рæзгæ фæлтæрæн. Мах сæрыстыр стæм, ирон адæмы минæвæрттæн Турчы цы стыр æнтыстытæ бафтыд сæ къухты, уымæй. Цæвиттон йæхæдæг Муссæ, стæй уæд зынгæ æфсæдтон архайджытæ инæлæрттæ Пухаты Музаффер æмæ Рефик, дохтыр Хъуысаты Музаффер, æхсæнадон архайджытæ Хъаныхъуаты Ремзи, Хоситы Бурхан, музейы хицау Пухаты Джалихан æмæ бирæ æндæртæ.

Мæнæн тынг æхсызгон у, фæстаг заманы не хсæн бастдзинæдтæ кæй райтынг сты, уый. Арæхдæр кæнынц нæ фембæлдтытæ. Цæвиттон, ирон адæмы  æппæтдунеон VI уанел, ома съезд, 2007 азы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар Цхинвалы, æмæ уæд махмæ фыццаг хатт фæуазæг сты  съезды делегаттæ Турчы цæрæг ирæтты минæвæрттæ. Уæдæй фæстæмæ мæхæдæг къорд хатт уыдтæн Турчы, æмæ мын уемæ фембæлдтытæй æхсызгон мысинæгтæ баззад. Цалдæр хатт нæм уыдысты «Алан»-ы минæвæрттæ дæр, кæцытæн мæ барамындмæгæсгæ лæвæрд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагты паспорттæ.

Махæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, ферох кæнæн нæй, 2008 азы августы хæсты Турчы цæрæг ирæттæ не вварс кæй æрбалæууыдысты, уымæн. Мах хорз зонæм, уæд сымах цы акцитæ скодтат. Уыдон махæн тынг феххуыс сты. Стыр бузныг уын зæгъын республикæйы адæмы номæй.

Ныртæккæ мах архайæм, цæмæй нæ адæмы æппæтдунеон IХ съезд уагъд æрцæуа Цхинвалы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уырдæм хуынд æрцæудзæн Турчы цæрæг ирæтты делегаци. Фæлæ мæн фæнды, цæмæй сымах цæуат нæ республикæмæ æнæзивæгæй æмæ йæ уæхи цæстытæй фенат, куыд æндидзы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстон. Сымахимæ фембæлдтытæ махæн кæдфæндыдæр сты зынаргъ æмæ ахсджиаг.

Кæронбæттæны мæн фæнды ноджыдæр уын раарфæ кæнон. Турчы цæрæг ирæтты алкæцы хæдзары æрбиноныг уæт фарн, уæ зæрдæты та цин æмæ амонд. Стыр Хуыцау æмæ сыгъзæрин нæргæ Уастырджи уæ фыдбылызтæй бахизæт æмæ уын дунейы фарн йæ хорзæхтæ балæвар кæнæт!