- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон ирон адæм Ирыстоны алы къуымты дæр сæрыстырæй нысан кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Уый дæргъвæтин историйы фæзилæнты уæззау æмæ тæссаг фæндæгтыл рацыд. Не знæгтæ æнусты дæргъы архайдтой йе скуынæг кæныныл, алы амæлттæй æфхæрдтой, Ирыстонæй æцæгæлон бæстæм сырдтой æмæ мардтой йæ сæрыл дзурджыты. Фæлæ уæддæр ирон æвзаг бафæрæзта йæ фыдæвзарæнтæн. Нæ бауагътой нæ адæм сæ мадæлон æвзаг фесафын.

Ирон æвзаг махæн æрмæст уый тыххæй нæу æнæкæрон зынаргъ, нæ ныййарджытæ нæм авдæнмæ рæвдаугæ ууыл кæй сдзурынц, фæлæ уый тыххæй, ирон æвзагыл нæм кæй æрхæццæ æнæмæлгæ Нарты эпос, кæй йыл дзырдтой æмæ ирон аив дзырдæн бындур кæй æрывæрдтой гениалон Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо. Уыдон кæй сцæрдхъом кодтой, уыцы нæртон æвзаджы фарн рæсугъдæй адарддæр кодтой сæ номдзыд фæдонтæ Нафи, Плиты Грис, Джыккайты Шамил æмæ бирæ æндæртæ.

Номдзыд ирон фысджыты æвидигæ сфæлдыстадæн ис егъау гуманон, хъомыладон æмæ прогрессивон нысаниуæг.

Мах абон афтидкъухæй не ‘мбæлæм Ирон æвзаджы боныл. Республикæйы ист æрцыд æмæ царды биноныг цæуы ирон æвзаджы райрæзты программæ, куыст цæуы райдиан æмæ астæуккаг скъолаты ахуырадон æрмæгыл дæр. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм не взагæн йæ ахадындзинад фæбæрзонддæр æмæ фæуæрæхдæр кæныныл, куыд æхсæнады, афтæ паддзахадон æмвæзадыл дæр.

Уæлахиз æмæ амондджын ут уæ бинонтæ, уæ хъæбултæ æмæ уе ‘ввахс адæмимæ, ирон æвзаг та нын кæддæриддæр фидар æмæ цæрдхъом уæд, фарнимæ хъуысæд алы ирон хæдзары дæр!