- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын ирон æвзаджы боны фæдыл!

Ирон æвзаг у нæ мадæлон æвзаг, æмæ йæ хъуамæ уарзæм, аргъ ын кæнæм алы бон дæр. Ирон æвзаджы бæрæгбон уый нæ нысан кæны, æмæ йын æрмæстдæр йæ хъысмæтыл 15 майы хъуамæ дзурæм. Махæн не взаг алы бон дæр бæрæгбон у, уымæн æмæ нæ хъуыдытæ, нæ фæндтæ, нæ бæллицтæ ууыл нывæндæм. Фæлæ уæддæр хъуамæ ахсджиагыл нымайæм, нæ мадæлон æвзагæн сæрмагонд бæрæгбон кæй ис, уый. Уымæн æмæ уыцы бон рухс федта нæ фарны лæг Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр».

Ирон æвзаг махæн нысан кæны нæ удварны рæзт, нæ истори. Мах хъуамæ сæрыстыр уæм, Нарты кадджытæ нæм кæй фæрцы æрхæццæ сты, уыцы æвзагæй. Нæ рагфыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты хъысмæт æмæ историон фæндæгтæ кæй фæрцы ахуыр кæнæм, уыцы  æвзагæй. Фæлæ цыфæнды хъæздыг æвзагæн дæр æнæмæлгæ нæй, дзурæг ыл куы нал уа, уæд. Уымæ гæсгæ махæн нæ хæс у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæн уарзын кæнæм сæ мадæлон æвзаг. Фæлæ уымæн æрмæст сур ныхæстæй аразæн нæй – нæ рæзгæ фæлтæр хъуамæ уыной æмæ æнкъарой мах, сæ хистæртæн ирон æвзаг æрмæст бæрæгбонты уарзинаг кæй нæу, фæлæ æрвыл бон дæр. Хъуамæ дзы пайда кæнæм нæ царды алы къабазы дæр. Афтæ куы уа, уæд фæсивæд дæр тырндзысты йæ зонынмæ, сæ цæсты уыдзæн кадджын.

Уæлахиз уæд Къоста, Васо, Секъа, Нафи, Шамил æмæ бирæ æндæрттæ бæрзонд кæй систой, уыцы æнæмæлгæ ирон æвзаг!