- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæ Ирон æвзаджы боны цытæн

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Ирон æвзаджы боны цытæн!

Ирон æвзаг у, нæ фыдæлтæй нын чи баззад, уыцы зынаргъ хæзна, национ культурæ æмæ удвæрнон хиæмбарынады бындур. Йæ мидæг сты истори, фыдæлты куырыхондзинад æмæ ирон лæджы хъару.

Абон нæ иумæйаг хæс у нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын, йæ райрæзтæн алыварсон уавæртæ аразын, ахуырад, литературæ, культурæйы райтынгæн ахъазгæнæг æмæ æхсæнады мидæг ирон дзырды бынат сфидар кæнынæн æххуысгæнæг хъæппæристы фарсмæ балæууын.

Зæрдæбынæй бузныг зæгъын æппæт ахуыргæнджытæн, фысджытæн, ахуыргæндтæн æмæ журналисттæн, – ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ парахат кæныны йæ хайбавæрд чи хæссы, уыдонæй алкæмæн дæр.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырад, фарн, бæркад æмæ ног æнтыстытæ Ирыстоны хæрзæбонæн!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!