- Официальный сайт Президента Республики Южная Осетия - https://presidentruo.org -

Арфæ газет «Хурзæрин»-ы редакцийы коллективæн

Зынаргъ æмбæлттæ!

Зæрдæбынæй арфæ кæнын сымахæн газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 90 аз кæй сæххæст, уый цытæн. Зæгъæн ис афтæ, æмæ ацы юбилейон æмгъуыд нæ бæстæйы иумæйаг стыр бæрæгбон кæй у. Уымæн, æмæ нæуæц азы дæргъы «Хурзæрин» ссис Ирыстоны канд йæ Хуссар хайы цæрджыты нæ, фæлæ ма нæ цæгаттаг æфсымæрты уарзон газет. Йæ алкæцы номыры рацыдмæ фенхъæлмæ кæсынц куыд сахарты, афтæ хъæуты дæр, æмæ йæ рацыд та бæрæгбоны хуызæн вæййы нæ бирæнымæц газеткæсджытæн.

Куыд уынæм, афтæмæй ныртæккæ электронон массон информацийы фæрæзтæ ныры дзыллæйады монон цардæй иппæрд кæнынц традицион газетты. Фæлæ «Хурзæрин»-æн уымæй нæдæр йæ нысаниуæг къаддæр кæны æмæ нæдæр йæ кæсджыты нымæц. Уый та у уæ бæрзонд дæсныйадыл дзурæг æмæ уæ патриотизмы бæлвырд æвдисæн. Блокъадæйы æмæ хæсты уавæрты сымах цы стыр куыст бакодттат, уымæн æмбæлон аргъ кæнын æмæ æмбæлон дзырдтæ арын дæр зын у. Бæлвырдæй зæгъæн ис, нæ адæмы къухты стыр уæлахиз кæй бафтыд, уыцы ахсджиаг хъуыддаджы сымахæн кæй ис егъаудæр хайбавæвæрд. Дыууын азы дæргъы зындæр уавæрты уæвгæйæ, сымах цы стыр æмæ хъазуатон куыст бакодтат, уый фæстиуæгæн республикæйы цæрджыты бангом кодтат кæрæдзимæ, сæ зæрдæты сын уæлахизы ныфсытæ бауагътат, бауырнын сын кодтат нæ рæстдзинад.

«Хурзæрин» кæддæриддæр уыд нæ национ змæлды фидиуæг!

Ныртæккæ стыр æмæ ахсджиаг монон æмæ идеологон куыст кæнут республикæйы дзыллæйады хсæн фыдæлты æгъдау бахъаххъæныныл æмæ рапарахат кæныныл, афтæ ма ирон æвзаг æмæ культурæ райтынг кæныны сæраппонд. Æмæ уын æнтысгæ дæр кæны!

Мæ зынаргъ æмбæлттæ! Ацы бæрæгбоны цытæн уын мæ зæрдæ зæгъы æнæфæцудгæ æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ ног стыр æнтыстытæ уæ куысты!

Æрбалæугæ Ног аз уын æрхæссæт амонд æмæ фарн!