Хоситы Бурхан раарфæ кодта Гаглойты Аланæн Джеоргуыбайы цытæн
19 ноября 2024 годаРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хоситы Бурхан раарфæ кодта Президент Гаглойты Аланæн Джеоргуыбайы цытæн.
Арфæйы телы дзырдæуы:
«Цытджын Президент!
Зæрдиаг арфæ Дын кæнын ирон адæмы кадджын бæрæгбон Джеоргуыбайы цытæн.
Кувын стыр Хуыцаумæ. Хуыцау, табу дæхицæн! Бирæ адæм дæм кувынц, хорздзинæдтæ дæ курынц. Æмæ хуыздæрæн кæй кувинæгтæ, кæй куывд айстай, уым æмбал мах дæр фæкæн.
Æнæниз, æнæмаст, хъæлдзæг, амондджын куыд уæм, Хуыцау, хорздзинадæй кæй зæрды цы ис, уыдон сæ къухы куывд æфтой, уыцы хорзæх ракæн!
Хуыцау, нæ чысыл фæллойæ нæ къухы бирæ ис цы уа, уыцы амонд нæ уæд. Фыдбылызтæй хызт куыд уæм, нæ кæстæртæн сабыр, рæсугъд фидæн куыд уа, уыцы арфæ сын ракæн.
Хæсты быдыры чи ис нæ хъæбултæй, уыдон стыр Хуыцауыл фæдзæхст уæд æмæ сæ бинонтыл сæрыгас æмæ æнæнизæй куыд сæмбæлой, уыцы арфæ ракæн стыр Хуыцау.
Цытджын Алан, Джеоргуыбайы райдианы мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, бирæ азты цæрæнбон æмæ æнæкæрон æнтыстытæ. Бирæ азты Хуссар Ирыстоны адæмæн лæггад куыд кæнай, уыцы амонд дæ уæд».